[go: up one dir, main page]

Перейти к содержанию

Интернет

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Дæнцон графикон ныв, æвдисы бастдзинæдтæ Интернеты хызты астæу. Æвдыст цæуынц афтиддæр серверты астæу бастдзинæдтæ

Интерне́т (англ. Internet, цыбыргонд Interconnected Networks -æй — иугонд хызтæ; сленг. ине́т, нет) — бахынцыны ресурсты глобалон телекоммуникацион хыз. У физикон бындур Æппæтдунеон тынæн. Арæх æй фæхонынц Æппæтдунеон хыз, Глобалон хыз, кæнæ хуымæтæгæй Хыз. У автономон системæты хаотикон иугонд, уый бастдзинады хæрзхъæдæн гаранти нæ дæтты, фæлæ гаранти дæтты хорз æнæцудгæдзинад æмæ иумæйаг систæмæйы куысты хæдбардзинад йæ искæцы къаннæг хайы къуыхцытæй.

Ныры рæстæджы ныхас «Интернет»-æй куы спайда кæнынц хуымæтæг ныхасы, уæд фæдзурынц фылдæр хатт Æппæтдунеон тыны тыххæй æмæ йæ мидæг информаци ис, ууыл, фæлæ физикон хызыл нæ.

2008-æм азы кæронмæ Интернетæй æдзухдæр пайда кæнæг архайджыты нымæц схæццæ ис 1,5 миллиард адæймагмæ (Зæххыл цæрæг адæмы цыппæрæм хай)[1].

Советон Цæдис куы арвыста 1957-æм азы Зæххы аразгæ æмбæлццоны, уæд АИШ-ы хъахъхъæнынады министрад банымадтой, хæсты рæстæджы АИШ-ы кæй бахъæудзæнис информацийы алæвæрды æууæнккаг системæ. АИШ-ы разæнгард иргъæфы иртасæг проектты агентад (DARPA) разæвæрдта бакусын уый тыххæй компьютерон хызыл. Ахæм хызыл бакуыст бафæдзæхстой Калифорнийы университетæн Лос-Анджелесы, Стэнфорды иртасæг центрæн, Ютайы университетæн æмæ Калифорнийы университетæн Сантæ-Барбарæйы. Компьютерон хыз схуыдтой ARPANET (англ. Advanced Research Projects Agency Network), æмæ 1969-æм азы баиу кодта цыппар амынд зонадон уагдоны. Æппæт куыстытæ æхцайæ æввонг кодта АИШ-ы иргъæфы министрад. Фæстæдæр хыз ARPANET райдыдта активонæй рæзын æмæ парахат кæнын, райдыдтой дзы пайда кæнын ахуыргæндтæ зонады аллы облæсттæй.

ARPANET-ы фыццаг сервер сæвæрдтой 1969-æм азы 1 сентябры Калифорнийы университеты Лос-Анджелесы. Компьютерæн Honeywell DP-516 уыдис 24 кб оперативон мысæн.

1969-æм азы 29 октябры 21:00-ыл ARPANET-ы фыццаг дыууæ æлхынцъы астæу, кæрæдзийæ æвæрд уыдысты 640 км дæргъы Калифорнийы университеты (UCLA) æмæ Стенфорды институты (SRI), рауагътой бастдзинады сеанс. Чарли Клайн (Charley Kline) афæлвæрдта сæххæст кæнын дардгонд баиудзинад компьютермæ SRI-ы. Йæ коллегæ Билл Дювалль (Bill Duvall) SRI-æй бæлвырд кодта аллы амынд символ дæр телефонæй.

Фыццаг хаттæн бантыстис арвитын афтиддæр æртæ символы «LOG», уый фæстæ хыз нал куыста. LOG хъуамæ æххæстæй уыдаид ныхас LOGON (системæмæ бацæуыны командæ). Кусынмæ бæззыны уагæвæрдмæ хыз æркодтой фæстæмæ 22:30-ыл æмæ иннæ фæлварæн æнтыстджын разындис. Раст ацы датæ фæнымайынц Интернеты гуырæн боныл[2].

1971-æм азы бакуыстой фыццаг компьютерон программæ цæмæй æрвита электронон пост хызы уылты. Ацы программæ уайтагъд ссис популярон.

1973-æм азы хызмæ трансатлантикон телефоны кабелы æххуысæй хызмæ баиу сты фыццаг фæсарæйнаг организацитæ Стыр Британийæ æмæ Норвегийæ, хыз ссис æхсæнадæмон.

Кæс ноджы

[ивын | Бындур ивын]

Фиппаинæгтæ

[ивын | Бындур ивын]
  1. IDC прогнозирует рост числа постоянных пользователей интернета. internet.ru (9 июлы 2008). Датæ: 3 октября 2009.
  2. Денис Борн. Интернету — 40 лет. Как всё начиналось…(недоступная ссылка). 3DNews (30 октябры 2009). Датæ: 2 декабря 2009. Архив 2011-æм азы 18 августы.