Ксанти
Сахар | |
Ксанти | |
---|---|
гр. Ξάνθη | |
41°07′ с. ш. 25°24′ в. д.HGЯO | |
Паддзахад | Грекъ |
Перифери | Скæсæн Македони æмæ Фраки |
Периферийы иуæг | Ксанти |
Истори æмæ географи | |
Фæзуат |
|
Сахатон таг | UTC+2:00, сæрды UTC+3:00 |
Цæрджытæ | |
Цæрджытæ |
|
Цифрон идентификатортæ | |
Телефонон код | +30 25410 |
Посты индекс | 671 00 |
Автомобилон код | AH |
cityofxanthi.gr | |
|
|
Викикъæбицы медиа |
Кса́нти (гр. Ξάνθη, тур. İskeçe) у Гречъы сахар, йе ’мном районы административон центр. Ксанти у историон бæстæ Ныгуылæн Фракийы æртæ ахсджиагдæр сахарæй иу (æндæр дыууæ сты Комотини æмæ Александруполис).
Ксантийы цæрджыты нымæц у 56 122 адæймаджы (2011).
1829-æм азы Ксанти федзæрæг ис дыууæ тыхджын зæххæнкъуысты аххосæй. 1870-æм азы та йе стыр хай зынджы азар баци.
Балканы Фыццаг хæсты фæстиуæгæн Ксанти (æмæ æппæт Ныгуылæн Фраки) бацыд Болгарийы скондмæ, æрмæстдæр Фыццаг дунеон хæсты фæстæ Ксанти сси Гречъы сахар. Болгари ногæй уыцы сахар фæкодта йæхи Дыккаг дунеон хæсты дæргъы (1941-æмæй 1944-æм азы онг), уымæй фæстæмæ æдзух уыдис Гречъы.
Ныртæккæ Ксантийы сахар у Болгарийы Смоляны сахары æфсымæрон сахар, дыууæ сахары Европæйы Цæдисы сконды иумæ кусынц регионы цæрджыты цард хуыздæр кæныныл. Дыууæ сахары ’хсæн арæзт æрцыд ног фæндаг, Родопты хæхты сæрты, фыццаг хæдтулгæтæ дзы цæуын райдыдтой 2009-æм азы кæрон.