Эрзурум (ил)
Провинци | |
Эрзурум | |
---|---|
тур. Erzurum | |
40°03′47″ с. ш. 41°34′01″ в. д.HGЯO | |
Паддзахад | Турк |
Кæй сконды у | Скæсæн Анатоли |
Админ. центр | Эрзурум |
Истори æмæ географи | |
Фæзуат |
|
Сахатон таг | TRT (UTC+3) |
Цæрджытæ | |
Цæрджытæ | |
Цифрон идентификатортæ | |
Код ISO 3166-2 | TR-25 |
Телефонон код | 442 |
Посты индекстæ | 25000–25999 |
Автомобилон код | 25 |
|
|
Официалон сайт | |
Викикъæбицы медиа |
Эрзурум (тур. Erzurum) у ил (провинци) Турчы скæсæны. Йæ административон центр у скæсæн Турчы размæцыддæр сахартæй иу — Эрзурум. Йæ фæзуатмæ гæсгæ провинци у бæстæйы цыппæрæм стырдæр (25 248 кв. км).
Эрзурумы бæстыхъæд у карз, континенталон. Рæстæмбисæй 114 боны дæргъы бæстæ митæй æмбæрзт лæууы.
Турк æмæ Уæрæсейы ’хсæн хæстыты рæстæг Эрзурум цалдæр хатты-иу байстой уæрæсейаг æфсæддонтæ. Фыццаг хатт йæ байстой 1829-æм азы (уый тыххæй Пушкин дæр фыссы йæ «Эрзуруммæ балц»-ы). Дыккаг хатт йæ байстой 1877-æм азы хæсты. Фæстаг хатт Эрзурум бахаудис уæрæсейæгты къухтæм 1916-æм азы, Фыццаг дунеон хæсты рæстæг (фæстæмæ йæ радтой Туркæн Брест-Литовсчы бадзырдмæ гæсгæ).
Провинцийы экономикæйæн ахсджиаг сси бынæттон Кемаль Ататюрчы номыл университет (тур. Atatürk University), кæцыйы ахуыр кæнынц 40 мин студенты бæрц.